Арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Райгуырæн боны цытæн

А.М. Джиоев и С.В. Лавров

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ Райгуырæн боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Де ‘нæфæцудгæ профессионалон фæндаг у куырыхондзинад, бæстæйыл æмæ йæ адæмыл æнувыддзинад, дипломатон дæсныдзинад, æцæг патриотизмы ирд дæнцæг. Æгæрон у дæ хайбавæрд Уæрæсейы æддаг политикæ хъахъхъæныны, дунеон аренæйы йæ ном фидар кæныны хъуыддагмæ.

Æхсæнадæмон боны фæткы вазыгджын хæсты бæстон арæзт, зын, хаттæй-хатт тæсаг рæстæджыты дæ фæлтæрддзинад дзурæг сты де стыр арæхстдзинадыл. 

Цытджын Сергей Викторы фырт, Хуссар Ирыстоны дæ æгæрон бузныг сты дывæрсон политикон æмæ дипломатон ахастыты райрæзтмæ, нæ бæстæты ‘хсæн хæларад æмæ интеграцион æмархайдмæ де стыр хайбавæрды тыххæй. 

Фидарæй ныфс дарын, дæ фæлтæрддзинад æмæ бæрзонд авторитет дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзысты сабырад æмæ стабилондзинадæн». 

 

21.03.2024