Арфæйы фыстæг юбилейы цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæрдар Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Виталий Янковскиймæ

В.В. Янковский

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæрдар Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Виталий Янковскиймæ юбилейы цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ цардвæндаг иууылдæр снывонд кодтай сабырад æмæ рæстдзинады хъуыддагæн. Хицæн дæ кæнынц ахæм миниуджытæ, куыд дæ равзаргæ фæндагыл иузæрдиондзинад, бæрнон ахаст, тырнындзинад. 

Бирæ азты дæргъы дæ адæймаджы æмæ профессионалон миниуджытæ ахъаз сты Приднестровьейы уæвæг Хуссар Ирыстоны Минæварады фæстиуæгджын куыстæн, кæцыйы æвдисæн сты дæ бæрзонд авторитет æмæ дæ коллегæты хорз ахаст».

29.04.2024