Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Гуырдзыстон æмæ йæ ныгуылæйнаг спонсортæ сæ ныфс нæ сæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы, сæ «хæдбардзинад сын нæ банымайгæйæ, сæхимæ басайыныл», сæ хæдбардзинад сын нымæг кæнынæй. Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны ахастыты сæраппонд Батумы цы конференци уыдис, уым Евроцæдисы Æттагон архайды Службæйы минæвар Гунар Виганд йæ раныхасы раразмæ кодта ахæм инициативæ, зæгъгæ, Брюссель æмæ Тбилисы ‘хсæн сæрибарæй базар кæныны тыххæй къухæрфыссынмæ цы ассоциаци цæттæ цæуы, уый иу хай хъуамæ апарахатгонд æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл. Евроцæдисы минæвары ацы фæндоны фарс стыр разæнгардæй рахæцыдысты конференцийы Гуырдзыстонæй хайад чи иста, уыдон.

Æцæгæй та дзырд цæуы радон сайæн миты тыххæй, кæцыйы нысан у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы «деизоляцийыл» аудыны ‘фсонæн фæрсагæй сæ суверенитет ивд цæуа, дызæрдыккаг чи у, ахæм экономикон пайдатæй.

Гуырдзыстоны «территориалон æнæхъæндзинадыл» дарддæр дæр аудгæйæ, кæцы æцæгæй та нысан кæны йæ суверенитеты апарахат Хуссар Ирыстоныл æмæ Абхазыл. Европæйы Цæдисы бынтондæр нæ фæнды Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон цы хæстытæ сарæзта, уыдон кой скæнын, Гуырдзыстон нырæй фæстæмæ дæр йæ хæстон амбицитæ ныууадзынвæнд кæй нæ кæны, юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ тыхæй ма спайда кæныны æмæ сабырадон бадзырдтыл йæ къух кæй нæ фыссы, уыдæтты кой скæнын.

Хуссар Ирыстон райгондæй æмбæлы æппæт Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад фидар кæныны алы инициативæйыл дæр æмæ зæгъы йæ цæттæдзинад уымæ цымыдисгæнæг дунеон структурæтимæ конструктивон æмкуысткæнынадмæ. Хуссар Ирыстон афтæ нымайы æмæ европæйаг дипломатийæн йæ бон уаит йæ дипломатийæ хуыздæр спайда кæнын æмæ йæ тыхтæ регионалон æдасдзинады архитектурæмæ реалон хайбавæрдæй, Гуырдзыстонæн куы бамбарын кæнит, иунæг раст къахдзæф ын кæй уаит Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны сæраппонд сразыдзинадмæ куы рæздæхиккой, уæд уымæй.

Цхинвал, 2013 азы 24 июль

 

31.07.2013