Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 8 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæuns министр Санахъоты Д.Г. кусæгон визиты ацыдис Италимæ. Хуссар Ирыстоны æттагонполитикон уагдоны сæргълæууæг балцы фæлгæтты ауагъта къорд фембæлды бæстæйы политикон æмæ æхсæнадон архайджытимæ, кæцыты дзырд цыдис дыууæтæн дæр цымыдисаг чи уыдысты, ахæм фарстатыл.

Италийы Республикæйы сæйраг горæт Римы дæр уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Санахъоты Д.Г. æмæ Чирикба В.А. иумиаг пресс-конференци, кæцыйы хайадисджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз официалонæй бахатыдысты Итали æмæ Сан-Маринойы хицауадтæм, цæмæй банымайой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинад. Уый тыххæй ацы аз, октябры райдианы, æмбæлон фыстæджытæ æрвыст æрцыдысты Италийы Президент Джорджо Наполитаномæ æмæ Сан-Маринойы Капитан-регенттæм.

Санахъоты Д.Г. банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз цæуынц дунеон банымады фæндагыл æмæ уый у, фæстæмæ раздахæн кæцæй нал ис, ахæм процесс. Чирикба В.А. банысан кодта, зæгъгæ, Евроцæдисæй, фыццаджыдæр, анхъæлмæ кæсы, кæй басæтдзæн Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны скондмæ кæй никуыуал баздæхдзысты, ууыл.

Цхинвал, 2013 азы 11 ноябрь

 

22.11.2013