Ноты

Archive
А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы размæдзыд фидарæй баст у хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады сæвзæрды историимæ. Йæ сырæзтæй фæстæмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фидарæй хъахъхъæны æвзонг республикæйы интерестæ, ныллæууыд бæстæйы æхсæнадæмон банымады фæндагыл.

Президент Южной Осетии А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдонæн йæ райрæзты фæндаг уыд зын. Æдзухон тæссагдзинадмæ ‘нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг дипломаттæ алыхатт дæр сæ профессионалон хæс æххæст кодтой, ныфсджынæй хахъхъæдтой бæстæйы интерестæ.

2008 азы Уæрæсейы Федераци куы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад, уæдæй фæстæмæ уагдоны куысты æмвæзад бирæбæрцæй фæбæрзонддæр.

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78-æм азы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров арвыстой кæрæдзимæ арфæйы телтæ.

Сæрмагондæй, Джиоты Æхсар йæ арфæйы телы банысан кодта:

«Зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон у нæ иумæйаг историйы уæлдай ахадгæ датæ. У кады, хæстон æмæ æмбæстагон хъæбатырдзинады бон. Уæд бирæнацион советон адæм фæрсæй- фæрстæм слæууыдысты 
фашизмы ныхмæ æмæ равдыстой сæ лæджыхъæд.

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы тел арвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, арфӕйы дзырдӕуы:

«Ӕнӕаипп профессионалон фӕндаг, бӕстӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл иузӕрдыгдзинады фӕрцы дын ис уӕзгӕ ӕхсӕнадӕмон авторитет ӕмӕ нымад цӕуыс ныры дуджы ӕппӕты ирддӕр дипломатыл. 

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар тæфæрфæстæ ракодта Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадæн Сирийы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

«Хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъæм Сириаг Араббаг Республикæйы территори ракетон цæфтæ кæй æрцыд, æмæ йæ фæдыл адæмы мæрдтæ кæй расайдта, уыцы трагикон фæстиуджыты тыххæй.

Ахсар Джиоев и Виталий Игнатьев

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьевмӕ Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар арфӕйы фыстӕг арвыста Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровмӕ профессионалон бӕрӕгбон- Дипломатон кусӕджы боны цытӕн.

Сӕрмагондӕй, фыстӕджы дзырдӕуы:

Ныры дуджы зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уӕрӕсейаг дипломаттӕ фидарӕй хъахъхъӕнынц бӕстӕйы национ интерестӕ, бӕрнонӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ профессионалон хӕс.

МИД Южной Осетии

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар тӕфӕрфӕстӕ ракодта Сириаг Араббаг Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты ӕмӕ эмигрантты хъуыддӕгты министр Фейсал аль-Микдадӕн Сирийы ӕрцӕугӕ зӕххӕнкъуысты трагикон фӕстиуджыты фӕдыл.

Тӕфӕрфӕсы дзырдӕуы:

Зынаргъ Анатоли,

Ацы аз августы мӕйы сӕххаест уыдзӕн фашистон Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл 13 аз.

Æрвылаз августы мæйы æрбалæуыдимæ æрхæндæг кæнынц Хуссар Ирыстоны адæм. Сымахимае иумæ мæт кæнæм мах Турчы цæрæг ирон адæм дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæтыл куы æрлæууынц августы сау бонтæ, уæд мах дæр æрымысæм фашистон Гуырдзыйы знаджы бырст Хуссар Ирыстонмæ.

Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр уыцы трагикон цаутæ рох никуы уыдзысты, нæ хъайтарты рухс нæмттæ æнусмæ нæ зæрдыл дардзыстæм.

Уæздан Садреттин!

Зæрдæбын арфæ дын кæнын дæ райгуырæн боны цытæн.

Бирæ æзты дæргъы æнтысджынæй архайыс Æхсæнад «Алан»-ы сæрдарæй, удуæлдай лæггад кæныс Турчы цæрæг ирон адæмæн, парахат кæныс ирон культурæ, хъахъхъæныс ирон æгъдæуттæ æмæ фарн, размæ кæныс Ирыстоны кадджын ном Турчы бæстæйы.

Цы куысты мидæг дæ, уым дæ разы æвæрд хæстæ æххæст кæныс æнувыдæй. Дæ ахсджиаг æмæ бæрнон архайды тыххæй разагъды лæгыл нымад дæ ирон адæмы’хсæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тæфæрфæстæ ракодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн уæрæсейаг хæдтæхæг Ту-154 Сау денджызы сæрмæ хæлд кæй баййæфта, уый фæдыл.

Тæфæрфæсы дзырдæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй зæгъы, уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæм байсæфтысты, уыцы хæдтæхæджы хæлды трагикон фæстиуджыты фæдыл. Уый у æнæбаххæстгæнгæ зиан. Хъынцъым кæнæм.

Министрад курæг у, цæмæй тæфæрфæстæ ракæной авиакатастрофæйы чи фæмард, уыдон бинонтæ æмæ хиуæттæн.