Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фодз азы кæй сæххæст уый фæдыл
Дæсгай азты дæргъы Гуырдзыстон тырныдта Хуссар Ирыстоны зæххыл йе ‘лдариуæгад æрфидар кæнынмæ, уый тыххæй пайда кодта националон дæлдзиныгады æппæт амæлттæй дæр, этникон асыгъдæгдзинад æмæ ма сæм комкоммæ геноцид дæр бафтаугæйæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн уымæй фервæзынæн уыдис иунæг-иу гæнæн сæхи сæрмагонд суверенон паддзахад саразын, цæмæй цардаиккой, адæймагæн аккаг чи у, ахæм цардæй, сæрибар уыдаиккой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æппынæдзух хæстон бахъавдтытæй.