Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«15 азы дæргъы Паддзахад Алани размæ цæуы куыд æхсæнадæмон ахастыты æмбар субъект æмæ Уæрæсейы фидар партнер. Ацы бон бакондæуыд бæстæйы историйы ног сæргонд, кæцы дзурæг у размæдзыд æмæ райрæзтыл.