Archive

2012 азы 12 марты Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Нино Каландадзе æрвылкъуырийы брифингы ныхас кæнгæйæ, коментаритæ сарæзта АИШ Паддзахадон департаменты доклад наркотикыл контролы стратегийы фæдыл гуырдзиаг политиктæ сæ цайдагъдзинадмæ гæсгæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр сæ иу, Каландадзе, куыд штатон æвзæрдзинæдтæ тауæг, афтæ бацархайдта доклады позиции фæивыныл, кæцыты зыны катайдзинад Гуырдзыстоны наркофыдракæндты æмвазады рæзты тыххæй наркотранзиты фæаххосджын кодта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны.

Республикæ хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты охыл цы тымбыл фынг уагъд æрцыдис, уый куысты.
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис 2012 азы 25 марты уагъд цы æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой, уыдонимæ баст актуалон фарстытыл.

Тымбыл фынгмæ ма хуынд æрцыдысты ЦÆК,Хъахъæнынады министрады, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты минæваæрттæ, президенты бынатмæ кандидаттæ, политологтæ.

Цхинвал,2012 азы, 6 март

2012 азы 4 марты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад истой, æвзæрстыты бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух чи цæры кæнæ рæстæгмæ чи ис, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæ.

Хуссар Ирыстоны баконд æрцыдысты дыууадæс æвзарæн фадыджы. Æвзæрстытæ уадзыны куыст сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварад.

2012 азы 1 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр йæхимæ райста Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæргълæууæг Пухаты Александры.

2012 азы 26 февралы Сирийы уагъд æрцыдис референдум Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) ног Конституцийы проекты фæдыл. Сирийы ног Конституцийы ‘вварс рахæцыдысты 7,5 милуан æмбæстæджы, кæнæ хуыцаубоны референдумы хайад чи райста, уыдоны 89,4%.

Референдумы фæстиуджытæ фенын кодтой уый, сириаг адæм кæй хæцынц хицауады реформæты ‘вварс. Уыцы реформæтæ ахъаз кæндзысты æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинадтæ уæрæх кæнынæн æмæ нырыккон демократон паддзахад саразынæн.

Ныхæсты рæстæджы, кæцыйы ма ноджыдæр хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулат, уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты тыххæй. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр банысан æрцыдис фæстиуæгджын æмгуыстгæнынад дарддæр дæр уæрæх кæнынмæ тырнындзинад.

Загъд æрцыдис катайдзинад, Абхазы чи ‘рцыдис, Паддзахады сæргълæуæджы амарынмæ уыцы бахъавды фæдыл. Ацы террористон акт цæхгæр æвзæрыл банымайгæйæ, Министр мæсæллæй загъта, йæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард сты, уыцы кусджыты хæстæджытæ æмæ æввахс адæмæн.

2012 азы 25 январы Страсбургы Евроцæдисы Парламентон Ассамблейы доклад сарæзта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзе. Сахатæй фылдæры дæргъы уый ЕЦПА уæнгтæн дзырдта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс ситуаци куыд уыны, уый фæдыл.

Гуырдзиаг хицауиуæгад радон хатт спайда кодта бæрзонд дунеон трибунæйы, цæмæй та ногæй фехъусын кодтаит дунеон æмæхсæнадæн, йæхимæ хуыздæр куыд кæсы, ахæм информаци æмæ аххосаг аппæрстаит Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы адресмæ.

Фæстаг бонты та дзыллон информацийы фæрæзтæ ногæй дзурын райдыдтой Гуырдзыстоны хицауиуæгад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цæрджытæн афтæхуыйнæг нейтралон паспорттæ дæттыны тыххæй. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, Абхазы хицауадæн тынг негативон реакци уыдис, Абхазы чи кусынц, уыцы иуæй-иу фæсарæйнаг организацитæм абхазæгты ‘хсæн уыцы паспорттæ парахат кæнынмæ сын цы бахъавдтытæ уыдис, уый тыххæй. «Нейтралон » паспортты фарстайы тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ, цæмæй йын уый тыххæй загътаит йæ хъуыдытæ.

2012 азы 19 январы дыууын азы сæххæст Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады æмæ Уæрæсеимæ баиу уæвыны тыххæй референдум уагъд куы ‘рцыдис, ууыл. Дыууын азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæххæст кодтой ахсджиаг политикон къахдзæф сæ паддзахиуæджы рæзты сæраппонд. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрстæй, дунеон нормæтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ раздæры ССР цæдисæй дунеон цæстдарджыты хайадистæй уагъд чи æрцыдис, уыцы референдумы адæм бахъахъхъæдтой хæдбар паддзахад саразыны æмæ партнерты стратегион фæдæздæхты сæраппонд сæ бартæ.

2011 азы 23 декабры Гуырдзыстоны парламент сфидар кодта националон æдасдзинады ног концепци. Фæзты кæцыфæнды концепци бакусын æмæ æххæст кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, алы паддзахадæн дæр у йæ суверенон бар. Фæлæ ацы хъуыддаджы гуырдзиаг документ у радон цæстфæливæн пропагандистон архайд, кæцыйы нысан, сæйраджыдæр, у гуырдзиаг хицауиуæгады ныгуылæйнаг аудджыты тыххæй цы ныхæстæ цæуы, уыдон банымæг кæнын æмæ сын сæ интерестæ бахъахъхъæнын.

2012 азы 17 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегаци фембæлдис Хуссар Ирыстонæй Женевайы дискусситы хайадисджытимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис 2012 азы 28-29 марты Женевайы чи хъуамæ уа, уыцы радон 19-æм раундмæ цæттæ кæныны фарстатыл. Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй банысан кодтой Женевайы радон дискусситы куыстмæ цæттæ кæй сты.