Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты дзуапп информацион агентад «Рес»-ы фарстæн

Фæстаг бонты та дзыллон информацийы фæрæзтæ ногæй дзурын райдыдтой Гуырдзыстоны хицауиуæгад Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цæрджытæн афтæхуыйнæг нейтралон паспорттæ дæттыны тыххæй. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, Абхазы хицауадæн тынг негативон реакци уыдис, Абхазы чи кусынц, уыцы иуæй-иу фæсарæйнаг организацитæм абхазæгты ‘хсæн уыцы паспорттæ парахат кæнынмæ сын цы бахъавдтытæ уыдис, уый тыххæй. «Нейтралон » паспортты фарстайы тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ, цæмæй йын уый тыххæй загътаит йæ хъуыдытæ.

Дзырд цæуы гуырдзыйы президенты радон «инициативæ»-йы тыххæй, Гуырдзыстоны афтæхуыйнæг «территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæныныл». 2004 азæй фæстæмæ ахæм инициативæтæ уыйбæрц æрцыдысты раразмæгонд æмæ, мæнмæ гæсгæ, гуырдзыстоны хицауиуæгад сæ йæхæдæг дæр схæццæ кодта. Æппын ницы, фæлæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 2004 азы «гуманитарон хъацæнтæ-сасуки» Хуссар Ирыстоны цæрджытæн тыххæй куыд хъардтой, уыцы инициативæ дæр. Нейтралон паспортты тыххæй ныры инициативæйæн ис Гуырдзыстоны хицауады «конфликтон регионты æмæ оккупацигонд территориты тыххæй» афтæхуыйнæг стратегийы. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ахæм бахъавдтытæй Гуырдзыстоны хицауады фæнды, цæмæй дунеон æмæхсæнады раз фæлæмæгъдæр кæна, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агрессии сарæзта, уый тыххæй цы бæрндзинад хæссы, уый.

Конкретонæй ацы паспортты тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты бирæ фылдæр хайæн закъонон бындурыл ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад, документы хуызы сын сæ гоймагдзинад чи бæлвырд кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты уыцы паспорттæ, кæцытимæ сæ бон у æмæ цæуой æнæхъæн дунейыл. Æмæ ма ахæм паддзахадæй, кæцыйæ бавзæрстой æрмæстдæр агресси, пырхкæнын æмæ скуынæг кæнынмæ бахъавд, цахæмдæр æнæмбæрст «паспорттæ» исынæн нæй ницахæм хъуыды. Уый тыххæй ивгъуыд азы бирæ хæттыты æмæ дырысæй дзырд цыдис Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ. Æмæ нæм нæй ныртæккæ уыцы документ райсынмæ тынг чи бæллынц, ахæмтæ.

Фæлæ ма банысанкæнинаг у уый дæр æмæ ацы нейтралон паспорттæ дæттыны хъуыддагмæ бафæлвæрдæй Гуырдзыстоны хицауиуæгад фактон æгъдауæй нымайы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад æмæ дзуры, уыдон Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæ кæй сты, ууыл. Гуырдзыстоны хицауады хъуыдымæ гæсгæ «нейтралон» документтæ æнæпаддзахадон символикæйæ, фадат дæттынц, кæмæ уой, уыцы «амондджын» адæймæгтæн Гуырдзыстоны територийыл цæуынæн, гуырдзиаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынæн, гуырдзиаг пенси исынæн (цымыдисон у, цыма ацы пенситæ цас ифтонг кæнынц гуырдзиаг пенсиисджытæн сæхи цард). Уыимæ иумæ ма сæ хицæуттæ не сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æмæ сын нæй æвзæрстадон бартæ. Афтæмæй Гуырдзыстоны хицауад сæтты ууыл æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, æгæрстæмæй, гуырдзиаг нейтралон паспорттæ куы райсой, уæддæр кæй не сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ (æмæ уый афтæ дæр у) æмæ Хуссар Ирыстоны территори, кæцытыл цæрынц Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ чи не сты, æмæ дунеон барадмæ гæсгæ сæ паддзахад чи сарæзтой, дунеон бастдзинæдтæ чи аразы, уымæн ницы хуызы нымайæн нæй «оккупацигонд гуырдзиаг территорийыл».

Ацы проект чи арæзта, уыдон фæнды, цæмæй адæмы басайой уымæй дæр æмæ, зæгъгæ, уыцы паспорттимæ, семæ ма сын фæндаджы документтæ дæр бакæнгæйæ, гæнæн уыдзæн æндæр бæстæтæм визæтæ райсынæн. Æцæг ахæм документтæм æркæсыныл нырма дыууæ бæстæйы йеттæмæ ничима сразы. Æмæ уæддæр æмæ уæддæр кæй фæнды æмæ реалон документтæ баива, цахæмдæр æндæртыл?!

Мæнмæ афтæ кæсы æмæ уый у радон авантюрæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы арæнтæм хæстæг ацы «нейтралон» паспорттæ дæттæн пункттæ бакæныны фæлтау хуыздæр уаит Гуырдзыстоны хицауиуæгад ахæм æнæхъом пропагандистон къахдзæфты бæсты куы ахизит Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ æууæнчы æмæ хæларсыхагон ахастыты реалон арæзтадмæ.

Цхинвал, 2012 азы 26 январь

17.02.2012