Archive

Европæйаг Цæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Уæлдæр минæвар Кэтрин Эштон 2011 азы 28 апрелы чи рапарахай, уыцы хъусынгæнинаджы фæдыл катайдзинад загьта Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ цы визит сарæзта, уый тыххæй, зæгъгæ, «уый дзуапп нæ дæтты Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады принциптæн» æмæ арæст æрцыдис гуырдзыйы хицауадмæ уый тыххæй рагацау нæ бадзургæйæ.

2011 азы 25 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон балцы уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Ловров. Кусæгон балцы фæлгæты йын фембæлд уыдис РХИ президент Кокойты Э. Д. æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. Фембæлды хайадисджыты конструктивон æмæ хæларадон атмосферæйы æруынаффæ кодтой уæрæх дывæрсыгон ахастыты фарстатыл. Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой, цæмæйсæ амархайд рæзын кæной дарддæр дæр æттагон политикон, экономикон æмæ культурæйы сæйрагдæр фæдæздæхиты сты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Э. Д. Указæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты Алан Солтаны фыртæн æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цуырбаты Казбулат Иналы фыртæн лæвæрд æрцыдысты «Чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Æрвысты» рангтæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ

Майрæмбоны 2011 азы 15 апрелы Берлины НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады фарс рахæцыны тыххæй, афтæ ма йæ территорийы дунеон мониторингы æнæмæнгхъæуындзинад, «Хуссар Ирыстон æмæ дзы Абхазы дæр бакæнгæйæ».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Боны 8 апрелы цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак арфæйы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

«Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæгъын, стыр цыт дын кæй кæнын æмæ Дæ курæг дæн, цæмæй мын айсай мæ зæрдиаг арфæйæ нысаниуæгджын нымæц Республикæ Хуссар Ирыстоны конституции райсыны Боны референдумыл 10 азы кæй сæххæст, уый охыл.

2011 азы 11апрелæй 15 апрелмæ Страсбургы уагъд цæудзæнис Европайы Цæдисы Парламентон Ассмблейы(ЕЦПА) уалдзыгон сессии. Уым æндæр темæтимæ иумæ плангонд цæуы, Гуырдзыстон, куыд ацы авторитетон дунеон организацийы уæнг, афтæ йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнын.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА уæнгты хъусдард здахы уымæ æмæ Гуырдзыстон демонстративонæй кæй ницæмæ дары йæхимæ цы дунеон хæстæ райста, уыдон. Афтæмæй та сæ сæххæст кæнын уыдис ацы бæстæйы Европæйон Цæдисмæ цæй тыххæй райстой, уый.

Хæхон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгийы арфæйы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

РХИ Конституцийы Бон 8 апрель бæрæгбонон æгъдауæй кæй нысан цæуы,уый охыл.Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петросян Георгий арфæйы тел æрырвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.

Телы дзырдæуы:

"Зæрдиагæй Дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци райсыны Боны цытæн!
2011 азы 8 апрель РХИ историйы ссис иттæг ахсджиг цау.

Абхазы хæдбар Советон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы кæй сæххæст,уый фæдыл РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арфæйы тел арвыста РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Телы дзырд цæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн зæгъы стыр цин ын кæй кæны æмæ йæ ном кæй æрхауд хæдбар Абхазы Советтон Социалистон Республикæ расидыныл 90 азы сæххæсты цытæн зæрдæйы цæуæг арфæйæ арвитыны фадат.

25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Боливараг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Уго-Хосе-Гарсия Эрнандесы, кæцыйæн йæ резиденции ис г. Мæскуыйы.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Боливараг Республикæ Венесуэлæйы ‘хсæн дывæрсыг æмгуысткæнынадыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры рæзты фарстыты фæдыл.

Абон, 2011 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Ереды хъæумæ хæстæг чи æрцыдис, уыцы трагедийы фæдыл, кæцы йæ æгъатырдзинадæй ницæмæй хицæн кодта сырдон мийæ.