Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий Европæйаг Цæдис минæвары хъусынгæнинаджы фæдыл

Европæйаг Цæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Уæлдæр минæвар Кэтрин Эштон 2011 азы 28 апрелы чи рапарахай, уыцы хъусынгæнинаджы фæдыл катайдзинад загьта Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавров Хуссар Ирыстонмæ цы визит сарæзта, уый тыххæй, зæгъгæ, «уый дзуапп нæ дæтты Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады принциптæн» æмæ арæст æрцыдис гуырдзыйы хицауадмæ уый тыххæй рагацау нæ бадзургæйæ.

Дис æмæ катайы æппары уый æмæ ахæм цытджын дунеон организации кæй хæцы гуырдзыйы хицауады бынтондæр æнæбындур территориалон дауты ‘вварс. Ныгуылæнæн афон у, цæмæй хатдзагтæ сараза уыцы реалиты уроктæй, кæцытæ равзæрдысты дууын азæй фылдæры размæ æмæ кæрон скæной сæхи сæхæдæг мауал сайынæн.

Ныры Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадмæ Хуссар Ирыстонмæ ницахæм ахаст нæдæр уыдис æмæ нæдæр ис. Гуырдзыстонæн закъонон бар никуы уыдис Хуссар Ирыстонмæ, кæцы 1992 азы, йæ адæмы нæ фæндыдис, афтæмæй, куыд автономии, афтæ баиугонд æрцыдис Гуырдзыстоны ССР скондмæ.

1921 азæй фæстæмæ Гуырдзыстоны ССР хицауады цы паддзахадон-бæрæгбон акттæ райста æмæ уыдон денонсацийæ Хуссар Ирыстон, суæнг 1990 азы июны раконд æрцыдис барадон тыгъдады арæнтæй æмæ, кæй зæгъынæй хъæуы, ССР Цæдисы фехæлды фæстæ цы гуырдзиаг паддзахад сырæстис, уый территорийы скондæй дæр. Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны уый фæстæйæ æппæт агрессивон архайдтытæ дæр, уæлдайдæр та 2008 азы хæстон агрессии, здæхт уыдзысты сыхаг адæмы скуынæг кæнынмæ. Хуссар Ирыстоны адæм фервæзтысты æмæ сæ паддзахад аразынц æрмæстдæр Уæрæсейы фæрцы.

Ныгуылæнæй æхсин Эштоны ахæм фарсхæцынады сигналты хуызæттæ, кæцытæ адресгонд цæуынц «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады сæрыл рохгæнджытæм», фактон æгъдауæй сты ног агресситæм разæнгардгæнæг. Комкоммæ дæр уымæй ныфс æвæргæйæ, ахæм хъусынгæнинаг сарæзта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад 2011 азы 27 апрелы, кæцы ма дзуапп нæ лæвæрдта дипломатон ныхасы уагæн дæр.

Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны Республикæйы æмæ йæ ахастыты йемæ аразы дунеон барадон бындурыл. Дывæрсыг ахастыты рæзтмæ та хауынц уыдæттæ, уыцы нымæцы кæрæдзимæ официалон визиттæ дæр. Хуссар Ирыстон, æттагон политикæйы рæзтæн стыр нысаниуæг дæтгæйæ, йæ адæмы суверенитетон барын чи нымайы, уыцы паддзахадтæй кæцыфæнды\имæ дæр цæттæ у конструктивон æмæ æндæр æмкусткæнынадмæ. Æмæ Цхинвалы нæ исынц йæ адресыл Европæйаг Цæдисы минæварты æнæобъективон политикæ æмæ æнæхъола ралæуджытæ.

Цхинвал, 2011 азы 29 апрель

29.04.2011