Archive

16 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады уыдис Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдонæн V æрвылазон конференци. Йæ сæйраг темæ уыдис: «Уæрæсейы бирæвекторон гуманитаронполитикæ æввахс фæсарæны æмæ Уæрæсейы хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ».

2014 азы 16 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визиты уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис, 2014 азы 7-8 октябры чи хъуамæ уа, Женевæйы уыцы 29-æм радон дискусситæм бацæттæ кæныны фарстаты фæдыл.

Г. Маргвелашвилийы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны Президент æфсæддон аэродромы куы уыдис, уæд, æвæццæгæн, гуырдзиаг вертолетты тахт фенгæйæ, йæ зæрдæ барухс æмæ сарæзта тынг æнахуыр хъусынгæнинаг, зæгъгæ, дам, Гуырдзыстон план кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территоритæ фæстæмæ здаха æрмæстдæр сабырадон амалæй æмæ, зæгъы, «Уæрæсе куы басæтта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстон скондон хæйттæ кæй сты, ууыл, уæд Уæрæсе нæу Гуырдзыстоны знаг».

8 сентябры Абхазы Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Боциты О.И. æрцыдис Цхинвалмæ консультаци райсынмæ.

Минæвары йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Фембæлды ма уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г.

Фембæлды лæмбынæгæй уынаффæ цыдис дывæрсыгон архайдтыты актуалон фарстаты уæрæх спектрыл. Боциты О.И. информаци сарæзта, 24 августы уагъд чи ‘рцыдысты Абхазы, уыцы æнæрадон президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл, афтæ ма бæстæйы ныртæккæ цы ситуаци ис, уый тыххæй дæр.

2 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. сæргълæудæй Тирасполы хайад райста Приднестроваг Молдоваг Республикæйы сырæзтыл 24 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты.

2014 азы 4 августы Федералон закъон «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинадмæ» æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицæн закъондæттынадон акттæм цы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты, уыдон уæрæсейаг æмбæстæгты хæсджын кæнынц, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстагдзинад æмæ сын рæстæгмæ цæрыны бар кæй ис кæнæ æндæр, æцæгдзинад чи ‘вдисы, цæрыны бары тыххæй, ахæм документ сæм кæй ис, уый тыххæй.

2014 азы 1 августæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æттæ чи сты, уыдонæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы гоймагдзинад бæлвырдгæнæг паспорттæ (фæсарæйнаг паспорттæ)саразын æмæ раттыны тыххæй æмбырд кæны документтæ. Документтæ фыццаг радыист цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æттæ чи ахуыр кæнынц, уыцы абитуриенттæ æмæ студенттæн УФ цы квотатæ радта, уыдонæй УФ уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдонæй.

Санахъоты Дауыт Георгийы фырт Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй снысан кæныны тыххæй

2014 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй Санахъоты Дауыт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй.

Цхинвал, 2014 азы 14 июль

 

Фæстаг æзты æндæр æмæ æндæр дунеон фæзуаттыл æмæ бирæ бæрзонд бынат ахсæг ныгуылæйнаг политиктæ арæх аразынц ахæм хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æппынæдзух æвзæрдæр кæнынц царды уавæртæ, алыран дæр, зæгъы, хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Уыцы иу рæстæджы Гуырдзыстоны фарс хæцджытæ, æвæллайгæйæ, фидарæй фæлхатт кæнынц, цыма, дам, Гуырдзыстон у æнтыстджын витрина æмæ бæрзонд демократийы тырысахæссæг.

2014 азы 15 июлы фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй уагъд æрцыдис Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ ИНО Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды сæйраг темæ уыдис, октябры райдианмæ плангонд чи у, Женевæйы дискусситы уыцы 29-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Ацы аз июны Уæрæсейы Федерацийы федералон закъон «Æмбæстагдзинад»-мæ ист æрцыдысты барасткæнинæгтæ. Ацы барасткæнинæгтæм гæсгæ, кæцытæ сæ тыхы бацæудзысты ацы аз, августы, уæрæсейæгтæй ма фæсарæйнаг æмбæстагдзинады паспорттæ дæр кæмæ ис, уыдон хæсджын сты æмæ фехъусын кæной Федерацион миграцион службæйæн, ахæм паспорттæ сæм кæй ис,уый тыххæй, афтæ ма архайын райдайдзæнис йæ басусæг кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинад.