Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

16 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады уыдис Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдонæн V æрвылазон конференци. Йæ сæйраг темæ уыдис: «Уæрæсейы бирæвекторон гуманитаронполитикæ æввахс фæсарæны æмæ Уæрæсейы хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ».

Конференцийы куысты хайад райста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. Йæ раныхасы Министр Республикæйы къухдариуæгады æмæ сæрмагондæй йæхи номæй арфæ ракодта конференцийы хайадисджытæн æмæ æвæрццаг аргъ скодта æхсæнадон организаци «Россы» æмæ «Уæрæсейагæмбæстæгты цæдисы» куыстæн, кæцытæ æххæст кæнынц Республикæйы æппæт цæрджытæн дæр пайда чи хæссынц,уыцы проекттæ. Уымæй дарддæр ма Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе, кæд дунейы вазыгджын политикон ситуаци ис, уæддæр раздæрау æппæтæй дæр хæцы йе ‘мфыдыбæстæйонтæй фæсарæнты чи сты, уыдон сæрыл æмæ сын кæны алыфарсон гуманитарон æххуыс.

Цхинвал, 2014 азы 17 сентябрь

 

17.09.2014