Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Дунеон экономикон форумы арæнты Г. Маргвелашвилийы раныхасы фæдыл

29 сентябры, Стамбулы, Дунеон экономикон форумы аренайы гуырдзиаг лидер Г. Маргвелашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд «Гуырдзыстон бафыста 2008 азы евроинтеграцийы тыххæй». Йæ дзырдтæм гæсгæ уый у Гуырдзыстоны «сæрибар равзæрсты тыххæй æфхæрд». Афтæ Гуырдзыстоны ног сæргълæууæг интерпретаци кæны зæронд, раздæр йæ бынаты чи уыдис, уыцы М. Саакашвилийы рæмысæггаг гæдыныхас.

Алкæмæн дæр зындгонд у 2008 азы, августы, гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ кæй бабырстой Хуссар Ирыстонмæ сæ варварон план «Сыгъдæг быдыр» сæххæст кæныны тыххæй. Уый йæ разы æвæрдта территори ирон цæрджытæй асыгъдæг кæныны нысан. Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон кæй райдыдта тох кæнын, уыцы факт бафидар æрцыдис Хуссар Ирыстоны гарзджын конфликт аххосæгты фæдыл фæдæсгæрсты ЕЦ сæрмагонд къамисы доклады.

1990 азæй фæстæмæ, нымадмæ гæсгæ æртыккæгæм чи у, 2008 азы уыцы августы хæст Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджытæн æрхаста тынг бирæ уды зиæнттæ, стыр уæззау зиан ракодта бæстæйы инфраструктурæйæн, æнæхæдзар фæкодта мингай адæймæгты. Гуырдзиаг æфсады æрбабырст, гуырдзиаг æфсæддонтæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты кæй фехстой æмæ сæдæгай уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй фехстой æмæ сæдæгай уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй фæмардысты, уыдæтты фæстиуæгæн Уæрæсейы бахъуыдис, цæмæй сæххæст кодтаит агрессоры сабырдзинадмæ чи ‘ркодтаит, ахæм операци æмæ ссис, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ райсыны хъуыддаг. Уый уыдис, Тбилис кæй æххæст кодта, уыцы æдзухон хæсты тасдзинадæй фервæзыны иунæг-иу амал.

2008 азы августы райдианы тыххæй рæстдзинад рагæй зындгонд у дунейæн. Ацы уавæр вазыгджын кæны Гуырдзыстоны хъуыддаг, кæцыйы рагæй нал хонынц «ныгуылæйнаг демократийы цырагъдар». Фæлæ Тбилисы нæ уадзынц сæ æдзухон, Саакашвилийы режим кæй æрхъуыды кодта, уыцы пропагандистон æрымысæггаг хъуыддæгтæ æмæ 2008 азы августы агрессийы хонынц уырыссаг-гуырдзыстойнаг хæст. «Зæндтæн ахæм митæ кæнын» сæ къухты æфты гуырдзиаг пропагандисттæн, суанг сæхи цæрджытæм ахасты бæрзонд бынатахасджыты къухты дæр. Гæды ныхас æдзухæй фæлхатт кæнынæй, уый æцæгдзинад никуы суыдзæнис æмæ ма йын йæ иннæ ныхæстыл дæр ничиуал æууæнддзæнис.

Цхинвал, 2014 азы 1 октябрь

 

09.10.2014