Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. йæхимæ райста Хæххон-Карабахы Республикæйы официалон делегацийы, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæ расидыны 25 азы бæрæгбоны цытæн.

Делегацийы сæргълæууæг уæлвæткон ситуациты паддзахадон службæйы Директор А.Ю. Арутюняны æмæ ХКР Националон æмбырды минæвар Сомихстоны Националон æмбырды К.Ж. Топчян Цхуырбаты К.И. радтой ХКР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мирзоян К.А. æрвитæггаг арфæтимæ Паддзахадон бæрæгбоны цытæн.

Фембæлды рæстæджы баныхæсты дзырд цыдис, дыууæ бæстæйæн дæр цымыдисон чи уыдысты, къорд ахæм фарстыл.

Цхинвал, 2015 азы 20 сентябрь

 

20.09.2015