Суагъæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Централон Æвзарæн Къамисы æхсæн æмгуыстады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамис, дарддæр Дыууæ Фарсы,

се’хсæн сæвзæргæ бастдзинæдтæ хынцгæйæ,

адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæты æппæтæнхыгъд нормæтыл æмæ демократон райрæзты нысаныл æнувыддзинад фидар кæнгæйæ,

демократон процессы ахсджиагдæр аразæг хæйттæ, закъондзинады сæйраг бындур æмæ хицауад адæттын сифтонг кæныны хъуыддаг кæй сты сæрибар, æцæг, дæлхыгъдон æмæ периодикон æвзæрстыты æмæ ма референдумтæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æмбæстæгты бартæ, сæрибардзинæдтæ æмæ æвзарæн нормæты бартæ хынцадыл, ууыл фидарæй æууæндгæйæ,

æвзæрстыты æмæ референдумты закъондæттынад хуыздæр кæныны сферæйы æмгуыстад арфдæр æмæ уæрæхдæр кæнынмæ, æвзæрстыты æмæ референдумты хайадисджыты барадон культурæ уæлдæр кæнынмæ, ног æвзæрстон æмæ æндæр информацион технологитæ æмæ ифтонггæрзтæ саразын æмæ спайда кæнынмæ тырнгæйæ,

Дыууæ Фарсы æмгуыстады нысаниуæгмæ, куыд дыууæ паддзахады æхсæн ахастыты аразæг хаймæ хъус даргæйæ,

Разыдзинад равдыстой дæлдæр ранымайгæ хъуыддæгты:

1 Уац

Ацы Суагъæйы фæлгæтты æххæстгонд æмгуыстад у æууæнчы, æмбардзинад æмæ кæрæдзион интересты бындурыл конд, Дыууæ Фарсы паддзахæдты закъондæттынад æххæст кæныны æмæ уыдонæн цытлæвæрды бындурыл.

2 Уац

Дыууæ Фарсы æвзæрстыты æмæ референдумты тыххæй националон закъондæттынад фæхуыздæр кæныны нысанæн æмæ ма æппæт æмвæзады æвзæрстытæ æмæ референдумтæ бацæттæ кæныны æмæ ауадзыны тыххæй æмгуыстад кæндзысты дæлдæр ранымайгæ фадгуыты:

æвзарæн къамисты æмæ референдумты къамисты архайд æвзæрстон бартæ æмæ æмбæстæгты референдумты хайадисты барты реализаци сифтонг кæнын;

æвзæрстыты æмæ референдумты аразджыты профессионалон æмвæзад, æвзарджытæ æмæ референдумы хайадисджыты барадон культурæ фæуæлдæр кæнын;

æвзæрстон æмæ референдумон процесты субъекты бартæ сифтонг кæнын информацийы массон фæрæзтæй пайда кæнгæйæ агитаци уадзыны хъуыддаджы;

æвзарæн æмæ референдумон процесты финанскæнынад – йæ ифтонгады æмæ контролы барадон æмæ организацион механизмтæ;

нырыккон æвзæрстон æмæ æндæр информацион технологитæ æмæ ифтонгæрзтæ саразын æмæ спайда кæнын, уыдон нымæцы регистрацийы автоматизацигонд системæтæ æмæ æвзарджыты æмæ референдумы хайадисджыты идентификаци, уыдонимæ иумæ ма æвзарæн референдумон процесты ифтонгады æрмæджытæ æмæ компоненттæ.

Дыууæ Фарсы бадзурдзысты сæ æмгуыстад парахатгонд кæй цæудзæн æвзæрстыты æмæ референдумты æндæр фадгуыты дæр, кæцытæ бæрæг кæнынц дыууæварсон æрæмдзых кæныны фæткы хуызы.

3 Уац

Дыууæ Фарсы æмгуыстад кæндзысты ахæм формæты:

баивд æвзæрстыты æмæ референдумтæ организаци æмæ ауадзынимæ баст зонадон æмæ практикон иртæстыты фæстиуджытæй, æвзæрстытæ æмæ референдумты закъæтты проекттæй æмæ æмбæлон экспертон хатзæгтæй;

баивд специалисттæй, кæцытæ организаци кæнынц æвзæрстытæ æмæ референдумтæ, цæст дарынц сæ ауагъдмæ кæрæдзийæн хъусын кæныны нысанæн æмæ Дыууæ Фарсы фæлтæрддзинад сахуыр кæнынæн;

баивд информацийæ барадисон практикæ æвзæрстон бартæ æмæ референдумы хайадисты бартæ фехалыны тыххæй, æвзæрстытæ æмæ референдумты тыххæй закъондæттынад халыны тыххæй бæрндзинадмæ æркæныны тыххæй;

дыууæварсон цымыдис хæссæг семинарты, зонадон-практикон конференциты, тымбыл фынгты æмæ æндæр мадзæлтты организации æмæ ауагъд;

минæвæрттæ æрвитын иннæ Фарсы паддзахады æвзæрстытæ æмæ референдумтæ цæттæ кæныны æмæ ауадзыны цыдмæ цæст дарыны тыххæй;

иумийаг хайадист æвзæрстытæ æмæ референдумтæ ауадзыны фарстаты, кæцытæ уадзынц регионалон, æхсæнадæмон профессионалон æмæ æнæпаддзахадон организацитæ, æмæ ма æндæр организацитæ æмæ институттæ, кæцытæ специализаци кæнынц æвзæрстон систематы райрæзты, æвзæрстон бар æмæ референдумы хайадисты барты хъахъхъæныны фадыджы.

4 Уац

Æвзæрстыты æмæ референдумы националон закъондæттынад, æвзæрстон къамисты, референдумы къамисты архайды райрæзты сферæйы Дыууæ Фарсы ханцынц кæрæдзийы фæлтæрддзинад ахæм фарстаты:

æвзæрстыты æмæ референдумы сæрибар æмæ рæстæг характер сифтонг кæнын;

политикон партиты æмæ æвзæрстон æмæ референдумон процессы æндæр субъекты архайды барадон регуляции паддзахадон хицауады оргæнты æмæ бынæттон хæдразамынды оргæнты æвзæрстыты, референдумты ауадзыны рæстæджы;

æвзæрстон æмæ референдумон процесты автоматизаци;

æвзæрстытæ æмæ референдумтæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзынимæ баст хицæн институтты райрæзт.
Дыууæ Фарсы ма кæрæдзийæн хъусын кæнынц информаци æхæнадæмон æвзæрстон стандарты тыххæй, куыд сæ хъæуы пайда кæнын æвзæрстыты æмæ референдумты тыххæй закъондæттынады æмæ æвзæрстон къамисты куысты практикæйы, уый тыххæй.

5 Уац

Æвзæрстыты æмæ референдумты организацигæнджыты профессионалон цæттæдзинад, æвзарджыты æмæ референдумы хайадисджыты барадон культурæ фæуæлдæр кæныны сферæйы Дыууæ Фарсы кæрæдзийы зонгæ кæндзысты:

æвзæрстытæ æмæ референдумты организацигæнджыты профессионалон ахуыр кæныны куысты фæлтæрддзинадимæ;

æвзæрстыты æмæ референдумты закъондæттынады сферæйы æвзарджыты æмæ референдумы хайадисджыты сахуыр кæныны программæты мидис æмæ размæцыды практикæимæ;

методикон, информацион-аналитикон æмæ бæрæгзонæн æрмæджытимæ;

банысангонд сферæйы аудиовизуалон, мыхуырон æмæ æндæр продукци аразыны фæлтæрддзинадимæ.

6 Уац

Агитацийы рæстæджы æвзæрстон æмæ референдумон процесты субъектты бартæ сифтонг кæныны сферæйы Дыууæ Фарсы зонгæ кæнынц кæрæдзи фæлтæрдзинадмæ ахæм фарстаты:

æвзæрстытæ æмæ референдумтæ уадзыны рæстæджы агитаци кæныны формæтæ æмæ фæрæзтæ;

æвзæрстон æмæ референдумон процесты субъектты бартæ æмæ хæстæ агитаци уадзыны рæстæджы;

паддзахадон æмæ æнæпаддзахадон массон фæрæзтæй пайда кæнын агитаци уадзыны рæстæджы;

æвзæрстон къамисы æххæстбартæ, паддзахадон æмæ бынæттон хæдразамынады оргæнты архайд æвзæрстытæ æмæ референдумты уадзыны агитаци кæнынæн уавæртæ саразын æмæ сифтонг кæнын.

7 Уац

Æвзæрстытæ æмæ референдумты финанкæныны сферæйы Дыууæ Фарсы кæрæдзи зонгæ кæнынц фæлтæрддзинадимæ ахæм фарстаты:

паддзахадон бюджеты фæрæзты ассигнаци æмæ пайда кæныны фæтк;

паддзахадон бюджеты фæрæзты нысанмæ гæсгæ спайда кæныныл, æвзæрстон фондты сарæзты гуырæнтыл æмæ сæ фæрæзтæ нысанмæ гæсгæ хардзыл, уыимæ ма политикон партиты фæрæзтæ фылдæр кæнын æмæ хардз кæныныл контрол сорганизаци кæнын;

хыгъдады методикæ паддзахадон бюджеты фæрæзтæ куыд хардз кæнынц æвзæрстон къамистæ, референдумон къамистæ æмæ æвзæрстон æмæ референдумон процесты иннæ хайадисджытæ, уыцы фадыджы.

8 Уац

Ног æвзæрстон æмæ æндæр информацион технологитæ æмæ ифтонггæрзтæ саразын æмæ спайда кæныны сферæйы кæрæдзи зонгæ кæнынц сæ фæлтæрддзинад æмæ æрмæджытимæ ахæм здæхтыты:

æвзарæджыты регистраци æмæ бахыгъд кæныны процесты автоматизаци;

æвзарджыты идентификацийы процесты, технологиты æмæ ифтонггæрзты автоматизаци;

технологитæ æмæ ифтонггæрзты автоматизацигонд хъæлæсдæттынæн, верификаци кæнынæн æмæ æвзарæн фадгуыты хъæлæстæ банымайыны хатдзæгтæ саразынæн;

бæрæггæнæнты базæ саразыны тыххæй информаци адæттыны, бавæрыны æмæ бакуысты технологитæ æмæ ифтонггæрзтæ æмæ ма æндæр æххуысгæнæн æмæ уæлæмхас æрмæджытæ, компоненттæ æмæ инвентарь, кæцытæ баст сты æвзæрстон прцессы организациимæ;

æмбæлон контрол æмæ цæстдард саразыны фæрцы сифтонг кæнын электронон хъæлæсдæттыны системæты фæстиуджыты корректон функцикæнынад æмæ бæлвырддзинад.

9 Уац

Уæвæг фидыдты æмæ бадзырдты реализаци кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн кæнынц организацион, технологон, методологон æмæ æндæр хъæуæг æххуыс.

Кæд Дыууæ Фарсы раздæр ницæуыл бадзырдтой, уæд специалистты баивд æмæ иннæ Фарс цы мадзæлттæ уадзы, уыдоны сæ хайадистимæ баст хæрдзтæ конд цæуынц ахæм хуызы:

- фæхуынгонд Фарс исы йæхимæ фæхонæг бæстæмæ ацыдимæ баст транспортон хæрдзтæ;

- фæхонæг Фарс исы йæхимæ фæхуындæуæг адæймæгты уæвынадимæ баст хæрдзтæ.

10 Уац

Ацы Суагъæмæ Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ гæнæн ис æмæ хаст æрцæуой ивддзинæдтæ кæнæ æххæстгæнæнтæ.

11 Уац

Ацы Суагъæ йæ тыхы цæуы къухтæ йыл цы бон æрфыстой, уæдæй æмæ ахады фондз азы дæргъы.

Ацы Суагъæйы архайды æмгъуыд автоматикон æгъдауæй дарддæргонд цæуы иннæ фондзазон рæстæгмæ, кæд Дыууæ Фарсы иу фондзазон æмгъуыды фæуыдæй æхсæз мæйы раздæр фыстæй нæ фехъусын кæна иннæ Фарсæн суагъæйы архайд æруромын æй кæй фæнды, уый тыххæй.

 

Арæзт æрцыд с. Цхинвалы 6 апрелы 2009 азы дыууæ экземплярæй, уыдонæй алкæцыдæр ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æмæ дыууæ тексты дæр сты æмдых.

 

Date of issue
06/04/2009