Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Гуырдзыстоны мидполитикон кризисы фæдыл

МИД Южной Осетии

Лæмбынæгæй нæ хъус дарæм Гуырдзыстоны фæстаг бонты цы хабæрттæ цæуы, уыдонмæ. Бæрæг у, ногæй та ацы бæстæйы йæ ныгуылæйнаг куратортæ æмæ «хæлæрттæ» цы мидполитикон кризисмæ бакодтой, уый гæнæн ис æмæ тæссаг уа æппæт Фæскавказаг регионы сабырад æмæ æдасдзинадæн. Уымæн æвдисæн у бунтгæнджыты лозунгты ивындзинад, кæцытæ ахызтысты гуырдзиаг мидполитикæйы арæнтæй æмæ адæммæ сидынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ ногæй рацæуын.

Гуырдзыстоны цы хабæрттæ цæуы, уыдон Республикæ Хуссар Ирыстоны тыхстдзинад æвзарын кæнынц, уæлдайдæр акциты здæхт, бæстæйы архайæг политикон тыхтæ æмæ сæ фæдыл цы ныгуылæйнаг гоймæгтæ лæууынц, æппæт уыдæттæ хынцгæйæ. Уыдон бирæ азты дæргъы сæхи пайдайæн гуырдзиаг оппозицийы  цырын кæнынц ситуаци схæццæ кæнынмæ æмæ 2008 азæй фæстæмæ цы æдасдзинад сырæзт, уый ныппырх кæнынмæ.

Бæрæг у, Гуырдзыстоны фæстаг цаутæ æмæ Хæххон Хъарабахы, Днестргæроны, Беларусы кризис расидыны фæлварæнтæ кæй сты кæрæдзийыл æмбаст.

Ныртæккæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон Гуырдзыйы территорийыл уавæр у сабыр. Тбилисы та цы «тæлтæг сæртæ» сидынц ногæй, цæмæй гуырдзиаг-ирон æмæ гуырдзиаг-абхазаг проблемæтæ ‘рцæуой тыхæй скъуыддзаг, уыдоны нæ фæнды бахизын дарддæры æндыгъд уавæрæй, уæлдайдæр бирæ несбæлвырд фарстытæ хынцгæйæ, æмæ уый фæстиуæгæн, конфликт сахадынæн бирæ кæй нæ бахъæудзæн.

Ныфс нæ ис, Гуырдзыстоны ныры хицауадæн сæ бон кæй бауыдзæн политикон методтæй кризис æрбæстон кæнын æмæ кæй нæ бауаддзæн сыхаг паддзахадты ‘рдæм агрессийы ног гуылфæн.

Цхинвал, 2023 азы тæргæйтты мæйы 10-æм бон

 

10.03.2023