РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

РХИ-йы Дипломатон кусæджы боны цытæн Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Æддагполитикон уагдоны сырæзт 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон фидарæй баст у паддзахады размæдзыдимæ. Бæстæйæн уæззау рæстæджыты хуссарирыстойнаг дипломаттæ сæ куыст æххæст кодтой, сæ Фыдыбæстæйы национ интерестæ хъæддыхæй хъахъхъæдтой. Абоны бон Хуссар Ирыстоны дипломаттæ æхсæнадæмон аренæйы æддагполитикон позицитæ кад æмæ намысимæ дарддæр дæр фидар кæнынц, регионалон æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ хæссынц стыр хайбавæрд.

Уавæрæй пайда гæнгæйæ мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын, ацы аз зæрдæвæрæны мæйы Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгы министрады сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ официалон балц кæй сарæзтай, уый фæдыл. Ныфс мæ ис, уый бирæбæрцæй кæй бандавдзæн æхсæнуагдонон æмæ æхсæнпаддзахадон æмиуады размæдзыдыл». 

28.05.2023