Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблей Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы лигъдæтты æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны уавæры фæдыл цы резолюци райста, уый тыххæй

МИД Южной Осетии

Хурхæтæны мæйы 7-æм бон Нью-Йорчы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы 77-æм сессийы фæлгæтты райстæуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы лигъдæтты æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд   цæрынмæ, уыдоны уавæры фæдыл резолюци. Уыцы резолюцийы райст сцырен кодта Гуырдзыстон.

Æрвылаз дæр Иугонд Нациты Организацийы (ИНО) ацы иуварсон документы райст бынтондæр нæ дæтты дзуапп уавæры æцæгдзинадæн. Уымæй дарддæр ма дзы Гуырдзыстон пайда кæны пропагандæйы хуызы, ома, сæ хъуыдымæ гæсгæ, сыхаг паддзахадты территоритæм æнæзакъонæй фæлгъауæнтæн ацы документы фæрцы ис легитимондзинад, афтæмæй ма сæ фæнды дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæнын, «гуырдзиаг территоритæ оккупацигонд кæй æрцыдысты», уый.

Документы иу ныхас дæр нæй, лигъдæттæ æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацæуы цæрынмæ, уыдонимæ баст зындзинæдтæ кæй фæзындысты, 1989 азы Гуырдзыстон цы хæстон агресси самадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмы ныхмæ, уый фæстæ. Нæ дзы цæуы дзырд ууыл дæр, æмæ этникон конфликтты фæстæ Гуырдзыстоны территорийæ кæй рацыдысты сæдæ мин ирон цæрæгæй фылдæр.

Уыцы «рохкæнынад»-ы фæстæ ИНО-йы æрвылазон резолюцийæн йæ ахадындзинад бынтондæр нал зыны. Документ æрвылаз дæр ист цæуы, йæ домæнтæ кæй ныхмæ сты, æнæ уыдон хъуыды бафæрсгæйæ.  

Азæй-азмæ ацы документы райст бынтондæр не скъуыддзаг кæны,  цы адæмы тыххæй цæуы ист, уыдоны проблемæтæ. Уымæй дарддæр ма йæ Гуырдзыстон йæхи пайдайы ‘рдæм кæй фæзылдта, уый æркодта уымæ, æмæ Женевæйы дискусситы лигъдæтты æмæ мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыд цæрынмæ, уыдоны фарстыты фæдыл дзырд нал цæуы.

Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ахæм архайдтытæ зын кæнынц Женевæйы дискусситы куысты цыд, æмæ уый та у иунæг ахæм бынат, цыран Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн ис сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн комкоммæ зæгъыны æмæ иу хъуыдымæ æрцæуыны фадæттæ.

Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 8-æм бон

 

08.06.2023