Уæрæсейы Боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Уæрæсейы Боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арфæйы фыстæг арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ацы бæрæгбон бындуриуæг кæны Уæрæсейы бирæнацион адæмы иудзинадыл, Райгуырæн бæстæмæ се ‘нæбасæтгæ уарзондзинадыл, æмæ уыдон та кæддæриддæр уыдысты æмæ сты Уырыссаг дунейы фидар цæджындз.

Рæстæджы зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Уæрæсейы Федераци алыхатт дæр фидарæй хæцы йæ национ интересты ‘вварс æмæ хъахъхъæны йе ‘мбæстæгты бартæ. Афтæмæй, Уæрæсе йæ алы къахдзæфæй дæр фидарæй- фидардæр кæны йæ паддзахады ном.

Цытджын Сергей Викторы фырт, Уæрæсейы Бон рагæй фæстæмæ нысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр, амы адæм стыр аргъ кæнынц нæ бæстæты ‘хсæн цы хæларадон æмæ партнерон ахастытæ сфидар сты, уыдонæн. Ныфс дарын, дывæрсон æхсæнпаддзахадон æмиуад дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн Фæскавказы сабырад бахъахъхъæнынæн, уымæй дарддæр ма æдасдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæнынæн».

12.06.2023