Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурханы хайадисты тыххæй Уæрæсейы Боны фæдыл цытджын райсты, кæцы сарæзта Уæрæсейы Федерацийы Генералон консулад Стамбулы

Бурхан Хоситы и Андрей Буравов

Хурхæтæны мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурхан Уæрæсейы Федерацийы Генералон консул Стамбулы Андрей Буравовы хуындæй ссис Уæрæсейы Боны фæдыл цытджын райсты хайадисæг.

Цхинвал, 2023 азы хурхæтæны мæйы 13-æм бон

13.06.2023