Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Беларусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ арфæйы фыстæг

МИД Южной Осетии

Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Беларусы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ацы бон белоруссаг адæмы историйы ныффидар, куыд национ сæрыстырдзинады, лæджыхъæды æмæ хъæддыхдзинады, афтæмæй ма иудзинады, бæстæйы абон æмæ сомбоны иумæйаг бæрны символ.

Йæ политикон къухдариуæгады раст политикæйы фæрцы абон Республикæ Беларусь у бæрзонд æмвæзадимæ суверенон паддзахад, кæцы аразы æппæт дæр, цæмæй йе ‘мбæстæгтæ цæрой аккаг цардæй, бæстæйы та уа сабырад æмæ æдасдзинад».

03.07.2023