Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ

Южная Осетия и Венесуэла

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Венесуэлæйы паддзахадон арæзтады фæндаг æппæтæй дæр у боливариайнаг адæмы хъæбатыр тохы истори сæ сæрибардзинад æмæ хæдбарады сæраппонд. Хицæн историон дугты Венесуэлæйы адæм, зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртæм æнæкæсгæйæ, æдæрсгæйæ цыдысты æнæрастдзинады ныхмæ æмæ сын уыцы хъуыддаджы та къухдариуæгад кодтой ахæм национ хъайтартæ, куыд Симон Боливар, Франсиско де Миранда, Уго Чавес. Бæстæйы суверенитет бахъахъхъæныны хъуыддагмæ се стыр хайбавæрды фæрцы абоны бон Венесуэлæ фидарæй хъахъхъæны йæ национ интерестæ. 

Цытджын Министр, Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæм Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы æдзухон хъусдард нысан гæнгæйæ, ныфс дарын, хæларадон ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ дывæрсон æмгуыстад кæй уæрæх кæндзæнис нæ бæстæтæ æмæ адæмы хæрзиуæгæн».

Джиоты Æхсар ма арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.

05.07.2023