Арфæйы фыстæг Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдомæ Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды цытæн арвыста арфæйы фыстæг Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Сандинистон адæмон революцийы фæуæлахиз ссис йæ бæстæйы патриотты, рæстдзинад æмæ сæрибары ‘вварсхæцджыты- Латинаг Америкæйы легендарон национ хъайтарты дæргъвæтин æмæ тугкалд тохы фæстиуæг, æмæ, æнæдызæрдыгæй, у ахсджиаг цау, кæцымæ гæсгæ рабæрæг Никарагуайы паддзахаддзинады райрæзты фæндаг».

Джиоты Æхсар ма арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехиямæ.

 

19.07.2023