Арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ йæ Райгуырæн боны цытæн

Ахсар Джиоев поздравил Инала Ардзинба

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ йæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Дæ профессионализм æмæ адæймаджы миниуджытыл дзургæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын Абхазы æддагон политикæйы реализацийы хъуыддагмæ, афтæмæй ма ныры зын уавæрты хуссарирыстойнаг-абхазаг политикон æмæ дипломатон ахастытæ сфидар кæнынмæ дæ хайбавæрд.

Фидарæй ныфс дарын, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы æмгуыстад дæрддæр дæр размæ кæй цæудзæн æууæнкдзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ, Кавказы сабырад æмæ æдасдзинады хæрзиуæгæн».

26.07.2023