Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады нотӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны хӕстон агрессийӕ 15 азы рацыды охыл

Южная Осетия и Абхазия

Республикӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны хӕстон агрессийӕ 15 азы рацыды охыл Республикӕ Абхазы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад рарвыста нотӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ.

Сӕрмагондӕй, нотӕйы дзырдӕуы:

«Гуырдзыстоны ӕгъатыр ӕрбабырст Хуссар Ирыстонмӕ 2008 азы майрӕмты мӕйы 8-ӕм бон уӕлдай  хатт равдыста дунеон ӕмӕхсӕнадӕн Михаил Саакашвилийы фыдгӕнон режимы фӕндтӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ хъӕбулты царды аргъӕй бахъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинад, йӕ фидӕн.

2008 азы майрӕмты мӕйы трагикон цаутӕ дыууӕ дихы фӕкодтой Хуссар Ирыстоны истори. Уӕрӕсейы Федерацийы ‘рдыгӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад ссис историон рӕстдзинад ӕмӕ куыд республикӕйы, афтӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, регионы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фидар гаранти. 

1992-1993 азты Абхазы адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕст бавзаргӕйӕ, абон Республикӕ Абхазы ӕфсымӕрон хуссарирыстойнаг адӕмимӕ иумӕ арынц хуссарирыстойнаг зӕххыл сабырады сӕраппонд сӕ цардтӕ чи ратта, уыдон рухс нӕмттӕ».

 

08.08.2023