Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлды фæдыл

А.М. Джиоев и И.Б. Ардзинба

Рухæны мæйы 29-æм бон Сухумы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы фембæлд.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта ахæм хорз райсты тыххæй æмæ раарфæ кодта Абхазы адæмæн Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны ‘рæввахс кæныны фæдыл. Абхазаг адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстыты фæндиæгтæ.

Йæхи ‘рдыгæй Инал Ардзинба банысан кодта, абхазаг адæмæн ахæм ахсджиаг боны æфсымæрон Хуссар Ирыстоны делегацийы æрцыд цытджын мадзæлттæм уæлдай ахадгæ кæй у, уый.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Фæскавказы æдасдзинады уавæрыл, Женевæйы дискусситы цыдыл, афтæмæй ма дывæрсон ахастыты алыхуызон фарстытыл.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 29-æм бон       

29.09.2023