Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты комментаритæ Гуырдзыстоны Президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзейы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн дипломатон ахастытæ ногæй арæзт æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «æнæзаконæй арæзт чи æрцыдысты, уыцы афтæхуйнæг минæвæрдтæ æхгæд ‘рцæуой, уый фæстæ. Ацы хъусынгæнинагæн комментаритæ радтыны тыххæй «Рес»-ы агентады уацхæссаæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

- Уæрæсейаг-гуырдзиаг ахастыты уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы,у дыууæ паддзахады хъуыддаг æмæ æз уыцы сферæйы истæмæн комментари дæдтынæн мæхицæн бар радтаин,гуырдзиаг хицауады официалон минæвар йæхи куынæ фæхæццæ кодтаит дыууæ суверенон паддзахад- Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмахастыты,уæд.

Æцæгæйдæр, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн дипломатон ахастытæ æрурæд æрцыдысты,2008 азы августы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ варварон хотыхджын агресси куы сарæзта,уый фæстæ.Йæ амæттæгтæ та систы бынтондæр аххосджын чи нæ уыдысты æмæ сæ фылдæр хай Уæрæсейы æмбæстæгтæ чи уыдысты,Хуссар Ирыстоны уыцы цæрджытæ æмæ Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæ.Уæрæсе агрессоры сабырадыл куы сразы кæнын кодта,уæд «фæтæргай» Гуырдзыстон æмæ йæмæ фехæлдта дипломатон ахастытæ.

Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны куы банымадта,уый фæстæ йæмæ сарæзта дипломатон ахастытæ æмæ столицæтæ Мæскуы æмæ Цхинвалы ахадæн куыст кæнынц сæ минæварадтæ,кæцыты архайд бындуриуæг кæны дыууæ паддзахады закъондæттынадыл дæр æмæ æм бæлон дунеон барад æмæ дывæрсыг сразыдзинæдтыл,сæрмагондæй та 1961 азы дунеон ахастыты тыххæй Венæйы бастдзинæдты конвенцийыл.Афтæ æмæ уæлдæр загъдгонд чи ‘рцыдис,уыцы гуырдзиаг хъусынгæнинаг у,барадон бындур кæмæн нæй,афтæмæй æндæр паддзахадты хъуыддæгты хи хæццæ кæнын.Афтæ æмæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ахастытæн бабæттæн нæй Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады архайдимæ.

Хъуыддаг ма уый мидæг дæр ис æмæ 2008 азы августы цауты тыххæй Евроцæдисы хæдбар къамисы доклады комкоммæ загъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ агрессийы тыххæй бæрндзинад Гуырдзыстон кæй хæссы (ацы хъуыдытыл хæст сты бирæ æндæр дунеон экспеттæ дæр), фæлæ йæ хицауад нæ сæтты сæ бæрндзинадыл æмæ цæмæй æрфæсмон кæной, сæ аххосаг балæгъз кæной, уый фæлтау сæхимæ претензитæ ис æндæртæм æмæ æууæлтæ. Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы сæ фарс хæцынц Ныгуылæны иуæй-иу бæстæтæ. Гуырдзыстоны æмæ сæ сæрылхæцджыты ахæм позици хъыгдары Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы размæцыд.

Цхинвал, 2012 азы 27 январь

27.01.2012