Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Санахъоты Д.Г. Комментарий

Дзыллон информацийы фӕрӕзты дарддӕр дӕр активонӕй ныхас цӕуы 2012 азы 14 августы газет «Известия»-йы мыхуырӕрцӕуӕг ӕрмӕгыл, кӕцыйы дзырд цыдис, цыма Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. указӕй Республикӕйы сӕйраг горӕтӕн скӕсӕны ‘рдыгӕй цы цалдӕр гуырдзиаг хъӕуы ис, уыдон хъуамӕ ныххафой. Уыцы уацы тыххӕй тынг стыхстысты ныры ӕмӕ ивгъуыды гуырдзиаг политикӕйы, афтӕ ма дунеон организацийы иуӕй-иу минӕвӕртты, уыцы нымӕцы къаддӕр нациты хъуыддӕджы фӕдыл ОБСЕ Уӕлдӕр къамисар ӕлдар Воллебек.

Ацы, комкоммӕдӕр провокацион, уацыл тынг фӕдис кодтой Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Цхинвалӕн йӕ цӕгат хайы цы хъӕутӕ ис, уыдон ныххафыны тыххӕй ницахӕм указ кӕнӕ амынд нӕ радта, дыккаджы та Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Цхинвалӕн йӕ цӕгат хайы цы хъӕутӕ ис, уыдон ныххафыны тыххӕй ницахӕм указ кӕнӕ амынд нӕ радта, дыккаджы та Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл «гуырдзиаг анклаватӕ» никуы уыдис. Уыдон уыдысты, гуырдзиӕгтӕ ӕмӕ ирӕттӕ хӕццӕйӕ кӕм цардысты, ахӕмтӕ,кӕцыты гуырдзиаг националисттӕ 1989-1992 азты сӕххӕст кодтой этникон асыгъдӕг, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн уыдоны цӕрджыты 30-ӕй 50 процентмӕ цы ирӕттӕ цардысты, уыдоны фӕсырдтой сӕ хӕдзӕрттӕ та сын судзгӕ ӕмӕ пырх ныккодтой. Цӕугӕдон стыр Леуахийы комы цы цӕрӕм пункттӕ уыдысты, уыдонӕй ирӕттӕ сырд куы ‘рцыдысты ӕмӕ ӕмткӕй сисгӕйӕ, та гуырдзиаг-ирон конфликты ӕппӕт рӕстӕджы дӕргъы ацы хъӕутӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ тохы аванпост куы систы, ирӕтты ныхмӕ иууыл стырдӕр сырдон фыдракӕндтӕ куы ӕххӕст уыдысты, уӕд уый тынг, миййаг, нӕ тыхсын кодта ОБСЕ минвӕртты ӕмӕ гуырдзиаг барадхъахъхъӕнджытӕ. Циниконӕй циникондӕр, ӕндӕр ницы схонӕн ис гуырдзыстоны экс-президент шеварнадзейы комментарийӕн, зӕгъгӕ, «кӕд Тыбылты Леонид сфӕнд кодта ахӕм хъӕддагдзинады хъуыддаг, уӕд уый уыдзӕнис трагедии. Ноджыдӕр ма иу хатт бафиппайын» хъӕуы уый ӕмӕ президент Тыбылты Леонид ницахӕм «хъӕддагдзинады хъуыддаг» не сфӕнд кодта. Ахъуыды ма кӕнӕм ахӕм фарстыл ӕмӕ цахӕм квалификацион аргъ хъуамӕ скӕнӕм ӕлдар Шеварнадзейы дзырдтӕн, кӕд ӕмӕ Гуырдзыстоны сӕргълӕууӕг уӕвгӕйӕ, 1992 азы 13 майы, йӕ туджы чи нӕцыдис, уыцы Цхинвалмӕ куы ‘рбацыдис ӕмӕ уый размӕ ӕхсӕв гуырдзиаг сар мадзанынӕмыгӕ мард чи фӕцис. Уыцы чысыл чызджы бинонтӕм кӕй бацыдис, ӕппт дӕр йӕхи цӕстӕй чи федта, уый дыккаг бон та г.Гуры цы ӕмбырд уыдис, уым йӕ дӕлбарты критикӕ кодта, Цхинвалы штурмӕй чии ста, уыцы гуырдзиаг ӕфсадӕн хӕстон ӕрмӕджытӕ нӕ фаг кӕнынц, зӕгъгӕ. Уымӕй дарддӕр ма уый хицауиуӕгады рӕстӕджы ирон адӕмы ӕмӕ адӕймагдзинады ныхмӕ гуырдзиаг боевиктӕ сӕххӕст кодтой иууыл ӕгъатырдӕр фыдракӕнд-1992 азы 20 майы Зары фӕндагыл фехстой сабыр цӕрӕг ирон лигъдонты-сылгоймӕгты, сабиты, зӕрӕдты, фӕлӕ ма уыдон тыххӕй абон дӕр дзуапп ничима радта.
Цхинвалӕн цӕгаты ‘рдыгӕй цы хъӕутӕ ис, сӕ хъӕлӕсы дзаг кӕй тыххӕй хъӕр кӕнынц,уыдоныл дзырд куы цӕуа, уӕд куыд ацы, афтӕ Цхинвалы алыварс ӕндӕр хъӕутӕ дӕр 2008 азы августы бахаудтой хӕстон архайдтыты зонӕйы ӕмӕ ӕххӕстӕй ӕрцыдысты сыгъд ӕмӕ пырхгонд. Уый тыххӕй ӕппӕт бӕрндзинад дӕр ӕвӕрд ис Саакашвилийыл,2008 азы агрессии чи сарӕзта, ӕппӕт уыдоныл. Компетентон хӕдбар дунеон эксперттӕ иууылдӕр загътой агрессор Гуырдзыстон кӕй у ӕмӕ у ӕмӕ ӕлдар Шеварнадзе хӕст райдайыны тыххӕй аххосджыныл бирӕ хӕттыты нымадта Гуырдзыстоны ныры къухдариуӕгады. Афтӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты кампании ацы хъӕуты «бахъахъхъӕныны» тыххӕй дӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр у радон пропагандистон акции. Бынтондӕр ӕнӕбындур сты ахӕм хъусынгӕнинӕгтӕ, цыма Хуссар Ирыстоны хицауад, дзырд цы хъӕуты тыххӕй, цӕуы, уыдон ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕгдӕр хъӕуты «хӕлынц аргъуантӕ» ӕмӕ ӕндӕр цъыртдзӕвӕнтӕ. Хуссар Ирыстоны территорийыл истори ӕмӕ культурӕйы ӕппӕт цыртдзӕвӕнтӕ дӕр сты адӕмы исад ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны паддзахад. Цхинвалӕй цӕгатӕрдӕм цы цырт- дзӕвӕнтӕ ис, уыдон хъахъӕдгонд кӕй сты, уый сӕхи цстӕй федтой Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл женевӕйы дискусситы ӕмсӕрдартӕ, ацы районты куы уыдзысты, уӕд.

2008 азы августы уыцы хъӕуты чи цардысты, ӕмӕ Тбилисы амындмӕ гӕсгӕ августы хӕсты агъоммӕ Гуырдзыстоны территоримӕ чи ацыдысты, уыцы гуырдзиаг ӕвзагон цӕрджыты хъысмӕты тыххӕй бӕрндзинад ӕххстӕй лӕууы Гуырдзыстоны къухдариуӕгадыл, кӕцытӕ план кодтой, цӕмӕй Хуссар Ирыстонӕй сарӕзтаиккой «Сыгъдӕг быдыр». Хуссар Ирыстоны хицауад йӕ территорийыл цӕрджыты никуы хицӕн кодтой сӕ этикон хийӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ бирӕ хӕттыты хъусын кодтой сӕ цӕттӕдзинад, цӕмӕй ӕппӕт, уыцы нымӕцы лигъдонты проблемӕтӕ дӕр,скъуддзаг цӕуой дунеон барады ӕмӕ сӕвзӕргӕ реалиты бындурыл.

Реалитӕ та ахӕмтӕ сты ӕмӕ Хуссар Ирыстон у нымад хӕдбар паддзахад, кӕцы тырны, Гуырдзыстоны агрессии йын цы уӕззау цӕфтӕ фӕкодта, йӕ уыцы хъӕдгӕмттӕ тагъдӕр байгас кӕнынмӕ ӕмӕ адӕмы интересты сӕраппонд зиӕнттӕ цы территорийыл ӕрцыдис, уыдон среабилитаци кӕнынмӕ.

Цхинвал, 2012 азы 5 сентябр

05.09.2012