Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды комментари ИА «Рес»-æн

Хуссар Ирыстонæн уæрæсейаг дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ бацæуыны тыххæй нысанон бынæттæ рахицæн кæныны тыххæй

2010 азæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитрий Медведевы амындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Иыстонæн дипломатон кадртæ бацæттæ кæнын æмæ дипломати сфидар кæныны сæраппонд хицæнгонд цæуынц бынæттæ уæрæсейаг профилон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, сæйраджыдæр та Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты (Университеты), УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы, афтæ ма бынæттæ хицæнгонд цæуынц ацы уæлдæр ахуыргæнæндæтты аспирантурæты ахуыркæнынæн дæр.

ДАМПИ-мæ ахуыркæнынмæ бацæуын кæй фæнды, уыцы абитуриенттæн, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бардзырдмæ гæсгæ арæзт цы сæрмагонд къамис æрцæуы, уый конкурсы бындурыл уыдзы экзаментæ. Конкурсы ис æртæ æвзагыл (ирон, уырыссаг æмæ англисаг) ныхас кæнын, афтæ ма уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй фыссыны экзамен. Равзæрсты фæстиуджытæм гæсгæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæй иууыл хуыздæр чи фесгуыхт, уыдон рекомендаци кæны ДАМПИ студент суæвыны тыххæй.

Дипломатон академийыл дзургæйæ, уымæн йæ хъусджытæ, гæнæн ис æмæ суой, уæдмæ уæлдæр ахуырад кæмæ ис, ахæм адæймæгтæ. Уый тыххæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ хъуамæ бадæтта æмбæлон куырдиат, кæцы йæ дарддæр рекомендаци кæны ахуырмæ бацæуынмæ.

Не ‘взонг паддзахадæн æнæмæнгхъæуæгсты профессионалон кадртæ, уымæ гæсгæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ-мæ кæй срекомендаци кодта, уыцы æмбæстæгтимæ се ‘ппæтимæ дæр аразы бадзырд, кæцымæ гæсгæ уыдон сæхимæ хæс исынц, ахуыр фæуыны фæстæ Республикæмæ кæй рæздæхдзысты æмæ дзы кæй кæндзысты сæ фæллойадон архайд.

Абоны бонмæ уал Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Дипломатон академийы хъусджытæ сты 13 æмæ ДАМПИ-йы та ахуыр кæнынц 18 студенты, кæцытæ уырдæм бацыдысты УФ Президенты амындмæ гæсгæ сын рахицæнгонд чи ‘рцыдысты, уыцы бынæттæм. Куыд бæрæг у, афтæмæй уыдон, се ‘ппæт дæр æвдисынц зонындзинæдты бæрзонд æмвæзад æмæ сæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты æнтысгæйæ дæттынц экзаментæ.

Нысанон бынæттæм конкурсон фæлвæрæнты хайад райсын кæй фæнды, уыцы абитуриенттæн зоныны тыххæй мæ фæнды уый банысан кæнын æмæ УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ (У) ацы аз сæ документтæ ист цæудзысты 2013 азы 25 апрелмæ. Уый тыххæй уыдон хъуамæ ‘рбацæуой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æмæ сæхи къухæй куырдиат ныффыссой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры номыл. Семæ хъуамæ уой РХИ ахуырады æмæ зонады министрады кæй сфидар кæной, ахæм бæлвырдгæнæн, кæцы бæлвырд кæна абитуриент фæстаг æртæ азы дæргъы кæй ахуыр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны, йæ паспорты ксерохалдих æмæ дыууæ фотонывы. Конкурсон фæлварæнтæ рагацау зонæнтæм гæсгæ уагъд цæудзысты 2013 азы майы райдианы.

Цхинвал, 2013 азы 22 апрель

 

30.04.2013