Ереды трагедийæ 33 азы рацыды охыл

33-я годовщина Ередской трагедии
33-я годовщина Ередской трагедии

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Ереды æгъатыр трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ ссарыны охыл мадзæлттæ.  

1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал», кæцыйы уыдысты ирон цæрджытæ. Æбуалгъдæр фыдмиты фæстæ 12 адæймаджы удæгасæй ныгæд æрцыдысты хъæу Ереды иу ингæны. Ацы тугæйдзаг æмæ æгъатыр цауæй абоны бон дæр зæрдæ ныккæрзы. Ингæн ссарын бантыст æрмæстдæр дыууæ афæдзы фæстæ, 1993 азы. Гуырдзиаг националистты тугæйдзаг æмæ æбуалгъ фыдракæнд æфхæрд нæ баййæфта, аххосджынтыл тæрхон не ‘рцыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой фыдохы мадзалы æмæ дидинтæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны иумæйаг уæлмæрдмæ.

Цхинвал, 2024 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон

18.03.2024